Ног азы минæвар заз бæласы бын хистæр къорды сывæллæттæ.Кæронмæ фæхæццæ кæны зæронд аз, æрлæудзыстæм ног азы къæсæрыл.Цыдæриддæр æвзæрдзинадæй уыд нæ царды, уыдон зæронд аз йемæ ахæссæд.Ног аз та нын ног хæрзтæ æрхæссæд.Бæстæ сабыр куыд уа, кæстæр хистæры куыд æмбара, нæ ирондзинад фидарæй фидардæр куыд кæна.
Æвзонг гуырд нæ зæххыл
Куыд цæра дзæбæхæй,
Куыд худа сывæллонмæ
Мидбылты хур,
Быдырæй,къулдымæй,æгомыг
Къæдзæхæй
Хæрамæй сæ уæлæ куыд
Никуы уа мур.